ФЫДЫБÆСТÆ Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц Йæ бинонтæ, йæ мад! Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы Йæ рæзгæ бонты цард! Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! Дæуæй зæрдæйæн адджындæр, Зæгъ-ма мын, чи у, чи?! Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ, Нæ хъал дæтты хъæлæс, Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ, Нæ дидинæгджын фæз, Кæм хъазыдтæн æз сабийæ, Кæм рæзыдтæн æдас, — Мыггагмæ дæр сымахимæ Мæ зæрдæ баст у, баст. Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй Дæу балхæдтой, мæ зæхх, Нæ бæркадджын фæллойæ дæ Ысбуц кодтам дзæбæх. Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд, Фыдыбæстæ, дæуæй Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр Нæ уыдис æмæ нæй. Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр Ыстыр ныфс у лæгæн. У суанг дæ сыгъдæг уæл
52113993302184

ИрОнАу

Нæ куырыхондзинады ратæдзæн — нæ фæлтæрддзинад. Нæ фæлтæрддзинады ратæдзæн — не 'дылыдзинад. Саша́ Гитри́ . Францаг фыссæг, актёр, режиссёр æмæ продюсер.
52113993302184

ИрОнАу

• Алчи дæр искæмæн ныббарыны бæсты йæхицæн ныббардзæн. Æмæ ноджы: алчи дæр йæхицæн зæрдæтæ авæрыны бæсты искæмæн авæрдзæн зæрдæтæ. Петраркæ Франческо итайлаг зындгонд поэт
52113993302184

ИрОнАу

• Диссаг у, фæлæ фыдынд адæймæгтæ дæр ныууадзынц рæсугъд хъуыддæгтæ. Фидий æмæ Апеллесы рæсугъды койтæ никуы æрыхъуыстам. Фæлæ сæ иуæн замманай уацмысты хæйттæ баззад, иннæмæн та — йæ кад. Петраркæ Франческо итайлаг зындгонд поэт
52113993302184

ИрОнАу

• Алы æнус дæр хъуамæ разы уа йæ курдиатджын адæймæгтæй. Петраркæ Франческо итайлаг зындгонд поэт
Показать ещё